Архив за ноября, 2009

Йæ курдиат – уæрæх æмæ парахат

Понедельник, ноября 30, 2009

Мæ мысинæгтæм гæсгæ

Габараев Илья

Габараев Илья

Æрæджы нæм редакцимæ æрбацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты инвалид Гæбæраты Димитр. Уый тетрады цалдæр сыфыл ныффыста зындгонд композитор Гæбæраты Ильяйы цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй йæ хъуыдытæ æмæ мысинæгтæ. Димитр йæ уацхъуыды зæрдæрисгæйæ фыссы, сæ мыггагæн æмæ Ильяйы аивад йæ зæрдæмæ æввахс кæмæн у, уыдонæн тынг зын кæй уыд, хъуыстгонд композитор Гæбæрайы-фырты райгуырдыл 80 азы куы сæххæст, уæд ын йæ юбилей кадджын уавæры кæй не сбæрæг кодтой, уый.
Ацы фыстæджы фæдыл редакцийы сæрмагонд уацхæссæг ныхас кодта РЦИ-Аланийы Композиторты цæдисы сæрдар Макоты Ацæмæзимæ æмæ йын уый радта ахæм дзуапп: “Гæбæраты Илья зынгæ бынат ахсы нæ музыкалон аивады. Уымæн йæ уацмыстæй бирæтæ систы адæмон. Уымæ гæсгæ ахæм хъуыстгонд композиторæн йæ ном никуы ферох уыдзæн дзыллæтæй. Ацы аз фæззæджы, Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисыл 70 азы кæй æххæст кæны, уый фæдыл 2008 азы сентябрæй — 2009 азы мартъимæ нæ республикæйы цæудзæн фестиваль. Уым зындгонд композитор Гæбæраты Ильяйы уацмыстæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн йæ номарæн концерт. Аивадиртасджытæ уыцы концерты рæстæг бæлвырдæй æрныхас кæндзысты Гæбæрайы-фырты цард æмæ йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй”. (далее…)


Rambler's Top100